Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры фӕсивӕдон организациты минӕвӕрттӕ фембӕлдысты Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацыд "Иугонд Алани"-йы минӕвӕртты фембӕлд РЦИ-Аланийы фӕсивӕдон парламентимӕ, афтӕ ма "Единая Россия"-йы Фӕсивӕдон Гвардийы цӕгатирыстойнаг хайады разамонӕг Саулохты Сӕрмӕтимӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны ӕсӕнадон организаци "Иугонд Алани".
Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой Ирыстоны Цӕгаттаг ӕмӕ Хуссар хай ӕрбаиу кӕныныл, афтӕ ма фӕсивӕдон проекттыл, кӕцытӕ гӕнӕн иумӕ реализаци кӕнын Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны.
Партитӕ "Иугонд Ирыстон" ӕмӕ "Единая Россия" бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
Фӕсивӕдон парламенты сӕрдар Джиоты Георгий банысан кодта, фӕсивӕдон парламент ӕмӕ фӕсивӕдон организацитӕ хӕссынц стыр бӕрндзинад, уымӕн ӕмӕ Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр фылдӕр адӕмы цымыдис кӕны ӕхсӕнадон-политикон цард.
Фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы разамонӕг Коцты Михаил бахахх кодта, ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы популяризаци кӕнын Ирыстоны дыууӕ хай баиу кӕныны хъуыды.
"Нӕ адӕмы ӕнусон бӕллиц у, цӕмӕй уӕм Уӕрӕсейы сконды. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕсивӕд дӕр хъӕуы ӕрбаздахын ацы куыстмӕ", - банысан кодта уый.
Фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани" йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ ӕмгуыстад кӕны РЦИ-Аланийы фӕсивӕдон парламент ӕмӕ "Единая Россия"-йы Фӕсивӕдон Гвардиимӕ. Уый фӕстӕ делегаци хайад райста парти "Иугонд Ирыстон"-ы VIII уанелы.