Партитӕ "Иугонд Ирыстон" ӕмӕ "Единая Россия" бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

© Sputnik / Мария СанакоеваПарти "Иугонд Ирыстоны" уанел
Парти Иугонд Ирыстоны уанел  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 фев - Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны егъаудӕр партитӕ "Иугонд Ирыстон" ӕмӕ "Единая Россия" бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд. Документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой "Иугонд Ирыстон" -ы лидер Тадтаты Алан ӕмӕ парти "Единая Россия" Генсоветы секретарь Андрей Турчак.
Документ бафыстой парти "Иугонд Ирыстон"-ы ӕвзӕрстон ӕмбырды рӕстӕджы, кӕцыйыл президенты бынатмӕ раразмӕ кодтой паддзахады ныры сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийы кандидатурӕ.
"Ацы бадзырд ӕрхӕсдзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ Хуссар Ирыстоны адӕмӕн. Дыууӕ егъаудӕр партийы ӕмгуыстад тагъд рӕстӕджы ӕрхӕсдзӕн пайда, ӕмӕ йӕ банкъардзӕн республикӕйы алкӕцы ӕмбӕстаг дӕр", - загъта Тадтаты Алан.
Андрей Турчак фехъусын "Единая Россия" партийы лидер Дмитрий Медведевы ныхӕстӕ, кӕцыйы уырны, бадзырды алы пункт дӕр ӕнтыстджынӕй реализаци кӕй ӕрцӕудзӕн дыууӕ хӕларадон бӕстӕйы ахастыты хӕрзӕбонӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0