Ацы аз 14 февралы Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист, поэтессӕ, ӕхсӕнадон архайӕг Галуанты Людмилайыл сӕххӕст уыдаит 85 азы. Цӕгат Ирыстон-Аланийы литературон журнал "Мах дуг"-ы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксана стыр аргъ кӕны Людмилайы сфӕлдыстадӕн.
"Йӕ иу ӕмдзӕвгӕ дӕр ын куы райсӕм - "Мӕ Ирыстон" - уӕддӕр бӕрӕг у, йӕ райгуырӕн бӕстӕ куыд уарзта, уый. Уыцы зарӕг ссис ирон адӕмы гимн ӕмӕ афтӕ баззайдзӕнис. Людмила уыд ӕцӕг адӕмон поэт, уымӕн ӕмӕ йе 'мдзӕвгӕтӕ ӕрцардысты адӕмы зӕрдӕты", - банысан кодта Оксана.
Редакторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Людмилайӕн фӕстаг рӕстӕджы йе ‘нӕниздзинад фӕцудыдта, фӕлӕ йӕм уый бӕрц хъару уыд, ӕмӕ йыл низ дӕр нӕ тых кодта.
"Людмила у лирик дӕр, тохгӕнӕг дӕр, сӕрибардзинадмӕ сидӕг дӕр, уарзондзинад кӕй мидӕг хӕлбурцъ кӕны, ахӕм дӕр", - банысан кодта редактор.
Хетӕгкаты Оксана ма загъта, поэтессӕ йын кӕй уыд дӕнцӕг цардуарзыны хъуыддаджы.