ЦХИНВАЛ, 14 фев— Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг спортсмен Дыгъуызты Малхаз ссис Уӕрӕсейы чемпион армрестлингæй сахъатты ʻхсæн. Цхинвайлаг спортсмен ссис уӕлахиздзау дыууӕ къухӕй дӕр.
Ӕрмхæцæг йæ хæзнадон баххæст кодта дыууæ сызгъӕрин майданæй.
"Тох кодтон 85+ кг уӕзы. Ацы аз дӕр фӕстӕмӕ тох кодтон ивгъуыд азы ныхмӕлӕуджытимӕ. Фӕзынд ма дзы иу ног архайӕг. Фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, дыууӕ къухӕй дӕр рамбылдтон ерыстӕ", - загъта Sputnik спортсмен йӕхӕдӕг.
Ацы уӕлахизы фӕрцы нӕ спортсменӕн фадат ис дунейы ерысты тох кӕнын.
"Бар ис тох кӕнын. Фӕлӕ нырма скъуыддзаг нӕу хайадисты фарст", - бафтыдта уый.
Ерыстӕ цыдысты горӕт Орёлы.
Дыгъуызты Малхаз армспорты ис фондз азы дӕргъы, йемӕ кусы тренер Лелаты Тотрадз. Ацы ӕмгъуыд уый рамблыдта Уӕрӕсейӕ чемпионаттӕ, дунейы ӕмӕ Европӕйы ерыстӕ.