Хуссар Иры ЦӔК срегистраци кодта фыццаг инициативон къорды

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) срегистраци кодта фыццаг инициативон къорды президенттӕм кандидаты раразмӕ кӕныны фӕдыл. Ныр Кацты Генойы фарсхӕцджытӕн сӕ бон у ӕмӕ ӕрывналой къухфысттӕ ӕмбырд кӕнынмӕ ӕмӕ бакӕной ӕвзарӕн хыгъд, фехъусын кодта къамисы уӕнг Цоциты Игорь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ЦӔК-мӕ ма ноджы ӕрбацыдысты документтӕ Тасойты Дмитрий, Гассеты Ибрагим, Хъазиты Зелим, Санахъоты Дауыт ӕмӕ Адӕмон партийы минӕвӕрттӕй.
"Къамисӕн ис рӕстӕг фондз боны, цӕмӕй ӕркӕсой ацы документтӕм ӕмӕ рахӕссой скъуыддзаг, срегистраци йӕ кӕной ӕви нӕ, уый фӕдыл", - банысан кодта Цоциты Игорь.
Республикӕйы ӕвзӕрстон закондӕттынадмӕ гӕсгӕ, фидӕны кандидаттӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕной фӕйнӕ 3500 къухфысты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй.
Чи срӕвдз кодта йӕхи президенты бынатмӕ Хуссар Иры: ӕхсӕйнаг хатдзӕгтӕ