Чи срӕвдз кодта йӕхи президенты бынатмӕ Хуссар Иры: ӕхсӕйнаг хатдзӕгтӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевЦИК Южная Осетия Цхинвал
ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны президенты бынатмӕ кандидатурӕты бадӕттыны ӕмгъуыд. Нырмӕ паддзахады уӕлдӕр постмӕ сӕ кандидатты раразмӕ кодтой ӕмткӕй 17 хъӕппӕрисон къорды, уыдонӕй цыппар сты политикон партитӕ.
"Куырдиӕттӕ ист цӕудзысты 20 февралы изӕры ӕхсӕз сахаты онг. Абоны бонмӕ Централон ӕвзарӕн къамисмӕ бацыд ӕртындӕс инициативон къорд ӕмӕ цыппар политикон партийы. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты цӕдис се 'мбырд нӕ ауагътой нырма, горӕты администрациимӕ кӕй нӕ бадзырдтой, уый аххосӕй. Ацы нымӕцы нӕй Годжыцаты Неллийы кандидатурӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ не 'рымбырд кодта фаг адӕм", - загъта ЦӔК-ы кусӕг Цоциты Игорь.
Президенты бынатмӕ претендентты нымӕцы сты дохтыртӕ, ахуыргӕнджытӕ, политикон архайджытӕ, нывгӕнджытӕ, фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ, амалиуӕггӕнджытӕ, министртӕ ӕмӕ депутаттӕ. Сӕ нымӕцы ахмӕтӕ, кӕцытӕн ис политикон тохы фӕлтӕрддзинад.
Архайгӕ президент Бибылты Анатолийы размӕ кодта йӕ парти "Иугонд Ирыстон". Уымӕн ацы ӕвзӕрстытӕ уыдзысты ӕртыккаг фӕлтӕрддзинад президентон кампанийы.
Адӕмон парти йе 'ууӕнк бафтыдта партийы уӕнг, парламенты вице-спикер, дохтыр-реаниматолог Плиты Александрыл. Уый иунӕг медик нӕу президентон кампанийы - йӕ кандидатурӕ ма бахаста экс-депутат, дохтыр Къозонты Алан.
Парламентские выборы в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.01.2022
Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 10 апрелы. Датӕ снысан кодта парламент
Коммунистон парти президентон ӕвзӕрстытӕм раразмӕ кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лектор Тадтаты Таймуразы. Аннӕ парламентон парти "Адӕмы иудзинад" размӕ кодта йӕ раздзог Чилӕхсаты Владимиры, кӕцы ма йӕ тыхтӕ фӕлвӕрдта президентон кампанийы 2011 азы.
2022 азы президентон ӕвзӕрстытӕм сӕхи срӕвдз кодтой, нырмӕ фӕлтӕрддзинад кӕмӕн нӕй, ахӕмтӕ дӕр. Фыццаг хатт президенты бынатмӕ кандидат у хъахъхъӕнынады министр Гасситы Ибрагим, хъахъхъӕнынады министрады раздӕры кусӕг Пухаты Владимир, паддзахадон ансамбль "Симд"-ы экс-директор Зӕгъойты Рустем, амалиуӕггӕнӕг Уалыты Альберт, депутат Мулдарты Гарри. Ноджы ма иу ӕвӕлтӕрд кандидат у барадхъахъхъӕнӕг органты раздӕры кусӕг Хъазиты Зелим, кӕцы политикон царды ферттывта ӕхсӕнадон организаци "Альянс патриотов России и Алании" ӕмӕ политикон парти "Мӕсыг" саразыны хъӕппӕрисимӕ.
Иу хицӕн къордӕй рахицӕн кӕнын хъӕуы 2011- 2012 ӕмӕ 2017 азы президентон ӕвзӕрстыты кандидатты: Тасойты Дмитрий, Гаглойты Алан, Санахъоты Дауыт, Джиоты Анатолий ӕмӕ Къацты Гено.
Ног хабӕртты лентӕ
0