Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 27 ног рынчыны коронавирусӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ срегистраци кодтой 25 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik санитарон уагдоны.
"Сабаты нӕ лабораторийы сарӕзтой 97 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 27 иртӕсты. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 230 пациенты, медикты хъусдарды бын ма сты 635 рынчыны", - загъта уый.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 13 205.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 66 503 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 13 840 адӕймаджы.
Югосетпотребнадзоры радзырдтой, куыд фӕивдзӕн карантин кӕныны фӕтк скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты