Хуссар Иры иу суткӕмӕ медикты хъусдардӕй систой коронавирусӕй 300 сӕнӕнизуӕвӕг пациенты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ срегистраци кодтой 13 ног рынчыны коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодтой дыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 102 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 13 иртӕсты. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 300 пациенты, медикты хъусдарды бын ма сты 348 рынчыны", - загъта уый.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 13 505.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 66 605 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 13 853 адӕймаджы.
Коцты Марина коронавирусы ПЦР-диагностикæ æмæ низы ныхмæ тохы ивындзинæдты тыххæй