Бибылты Анатолий: Цхинвалы митингыл дунейӕн радзурдзысты Донбассы цауты фӕдыл рӕстдзинад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Столицӕйы Театралон фӕзуатыл ӕртыццӕджы, 2 марты, ацӕудзӕн Донбассы цӕрджытӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийӕн разыдзинад равдисыны митинг. Уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта Донецкӕй лигъдӕттимӕ фембӕлды рӕстӕджы, ӕмӕ сӕ фӕхуыдта митингы хайад райсын, цӕмӕй дунейӕн радзурой Донбассы цауты тыххӕй рӕстдзинад, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
РХИ президент Бибылты Анатолийы фембӕлд Донецкӕй лигъдӕттимӕ
Хуссар Ирыстонмӕ ивгъуыд улӕфт бонты ӕрцыдысты Донецкы 42 ӕмбӕстаджы, уыдонӕй 24 сты 12 азы кары онг сывӕллӕттӕ. Лигъдӕтты бакодтой Цхинвалы уазӕгдӕттӕй иумӕ.
"Донецкы фыццаг хатт уыдтӕн референдумы рӕстӕджы, 2014 азы. Александр Захарченко дӕр уыд ме ‘мгар. Хъыгагӕн, уый нӕ фӕцард хӕдбардзинад банымайыны бонмӕ. Уый зӕрдиагӕй уарзта йӕ адӕмы. Деним Пушилин, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у патриот. Мах рацыдыстӕм уӕззау фӕндаг ӕмӕ иттӕг хорз ӕмбарӕм сымах. Ӕз бирӕ хатт дзырдтон, адӕм сӕхицӕн нысан куы сӕвӕрой, уӕд сӕ никӕцы сармадзантӕ ӕрлӕууын кӕндзысты", - загъта президент.
Бибылты Анатолий балӕвар кодта Хуссар Ирыстоны иуыл кӕстӕрдӕр уазӕгӕн къаласкӕ, афтӕ ма радзырдта, Донецкӕй сывӕллӕттӕн кӕй сорганизаци кӕндзысты балц хӕхтӕм – Згъубиры хъӕумӕ.
РХИ президент Бибылты Анатолийы фембӕлд Донецкӕй лигъдӕттимӕ
Президент банысан кодта, Донбассы адӕмӕн ӕххуысмӕ Ирыстонӕй кӕй ацыд бирӕ лӕппутӕ.
Владимир Путин 21 февралы бафыста барамындтӕ Донецкы ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕты суверенитет банымайыны фӕдыл, 24 февралы та фехъусын кодта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци райдайыны тыххӕй Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл.
Хъахъхъӕнынады министрады бахахх кодтой, кӕй нӕ ӕхсынц граждайнаг объекттӕ.
РХИ президент Бибылты Анатолийы фембӕлд Донецкӕй лигъдӕттимӕ