Президентон фӕлварӕн: куыд бӕрӕг кӕндзысты бӕрзонд постмӕ кандидатты зонындзинӕдтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Президенты бынатмӕ кандидат суӕвын чи хъавы, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы фӕлварӕнтӕ уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл, фехъусын кодта Sputnik ХИПУ-йы профессор, къамисы уӕнг Битарты Зоя.
"Уыдзысты дыууӕ диктант ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл ӕмӕ иу та дзургӕ фӕлварӕн (собеседование). Диктанты тексттӕ уыдзысты классикты уацмыстӕ. Тынг зын не 'сты. Чидӕриддӕр цыппӕртыл ахуыр кодта скъолайы, уый сӕ ныффысдзӕн", - загъта ахуыргонд.
Чи срӕвдз кодта йӕхи президенты бынатмӕ Хуссар Иры: ӕхсӕйнаг хатдзӕгтӕ
Президенты бынатмӕ кандидаттӕм претенденты фыццаг хъӕуы радтын фӕлварӕн ирон ӕвзагӕй, уый ӕмбӕлон уагыл куыннӕ ныффыссой, уӕд ӕвзӕрстыты агъоммӕ тохӕй хауынц. Фӕлварӕнты бахыгъд райсынӕн хъӕуы 9 рӕдыдӕй фылдӕр ма 'руадзын, куыд орфографион, афтӕ пунктуационтӕ дӕр.

"Мах стӕм Ирыстон ӕмӕ фыццаг фӕлварӕн уыдзӕн мадӕлон ӕвзагыл. Текст конд уыдзӕн 225-230 дзырдӕй. Ӕмбӕлон уагыл фыст куыннӕ 'рцӕуа, уӕд адӕймаг радон фӕлварӕнмӕ уагъд нӕ цӕуы", - бафтыдта уый.

Уый ма бафтыдта, цӕмӕй фӕлварӕны хатдзӕгтӕм фау ӕрхӕссӕн ма уа, уый тыххӕй кандидатӕн бар ис йӕ куысты ксерокопи йемӕ рахӕссын.