Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта 100-аздзыд ветеран Дзигойты Марияйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны ветеранты советы сӕргълӕууӕг Бесаты Вячеславимӕ иумӕ бабӕрӕг кодта Дзигойты Марияйы – фӕсчъылдымы ветераны, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеран Дзигойты Сардионы идӕдзы.
Президент Анатолий Бибилов навестил ветерана тыла Марию Дзигоеву
Амӕйразмӕ ветераны чызджы чызг Дыгъуызты Зӕринӕ ракуырдта президентӕй баххуыс кӕнын цӕрӕнуаты цалцӕгимӕ, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Ӕххӕст арӕзтадон куыстытӕ райдайынӕн хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын хорз боныгъӕдтӕм, фӕлӕ уый фӕстӕ алцыдӕр сараздзыстӕм", - загъта президент.
Бибылты Анатолий ма раарфӕ кодта Дзигойты Марияйӕн йӕ 100 азы юбилей ӕмӕ Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн, афтӕ ма загъта бузныг ветеранӕн хӕсты рӕстӕджы фӕллойы тыххӕй.
"Ды бирӕ сарӕзтай Стыр Уӕлахизӕн, ныр та Дӕ цӕвиттон кӕстӕр фӕлтӕрӕн. Мӕ цӕст дын уарзы фидар ӕнӕниздзинад", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Бибылты Анатолий бахӕс кодта ауадзын медицинон басгӕрст Дзигойты Марияйӕн.