ЦХИНВАЛ, 9 мар - Sputnik. Цхинвалы 20 мин сомæй фæивар кодтой Таджикистаны æмбæстаджы, тобæгонд буарад "насвай" йæм кæй ссардтой, уый тыххæй. Уый тыххæй æртыццæджы хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæ.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ æрурæдтой хæдтулгæ ВАЗ - 2107, кæцыйы скъæрдта Таджикистаны 29-аздзыд æмбæстаг. Машинæйы ма бадт ноджы Таджикистаны 36-аздзыд цæрæг, кæцымæ басгæрсты рæстæджы разынд пакет цавæрдæр кæрдæггъуыз буарадимæ. Экспертизæ куыд рабæрæг кодта, афтæмæй уый уыд æууилгæ тамако "насвай".
Цхинвалы тæрхондон нæлгоймагæн аскъуыддзаг кодта ивар 20 мин сомы бæрц.
"Насвай"-йыл тобæйы закон Хуссар Иры архайы 2016 азæй фæстæмæ, йæ халджытæм æнхъæлмæ кæсы административон бæрн ивары хуызы, науæд та дыууæ æйы онг ахæст.