Транскамыл ӕрӕвнӕлдтой зӕйтӕ ӕхсынмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскавказы автомагистралыл ӕрӕвнӕлдтой зӕйтӕ ӕхсынмӕ, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн иунӕг фӕндаг у ӕхгӕд ныр иу къуыри.
"Транскавказы автомагистралыл ис бирӕ зӕйцӕуӕн бынӕттӕ. 13:30 сахатыл бавнӕлдтой зӕйтӕ ӕхсынмӕ", - загътой уагдоны.
Радгӕсон службӕйӕ ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, нырма бӕрӕг нӕу, кӕд балхынцъ уыдзысты трассӕйыл сыгъдӕггӕнӕн куыстытӕ.
Транскам иу къуыри у ӕхгӕд. Йӕ бакӕныны тыххӕй нырма информаци нӕй – Хуссар Иры УУМ