ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хатырон кредит райсынмӕ азы райдианӕй бавдыстӕуыд 111 проекты, фехъусын кодта Sputnik чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгадты райрӕзтӕн ахъазы фонды ӕххӕстгӕнӕг директор Бибылты Нонна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фонды минӕвӕрттӕ дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ куырдиӕтты фӕдыл хъуамӕ рахӕссой скъуыддзаг.
"Ацы аз фонды ӕркастмӕ бадӕттой 111 куырдиаты, ӕмткӕй амалиуӕггӕнджытӕ сӕ проекттӕн курынц 140 милуан сомӕй фылдӕр", - загъта Бибылты Нонна.
Хатырон кредиттӕ 2022 азы лӕвӕрд цӕудзысты дыууӕ этапӕй. Ӕмткӕй сын хицӕн ӕрцӕудзӕн 55 милуан сомы - фыццаг этапы 30 милуаны, дыккаджы та 25.
Фонды ӕххӕстгӕнӕг директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд азтӕм абаргӕйӕ организацийы куысты ӕрцыд къорд ивындзинӕдтӕ.
"Фӕфылдӕр ис ӕвджиддаримӕ кредиты бӕрц - 600 мин сомӕй схызт 800-мӕ, 2022 азӕй фӕстӕмӕ кредит райсӕн ис фондз азы ӕмгъуыдмӕ. Уый уӕлдай ма цъынды исадимӕ лӕвӕрд цӕуы фондз милуаны онг суммӕ дӕр", - бафтыдта уый.
Раздӕрау, бафиппайдта Бибылты Нонна, фылдӕр бӕрцӕй кредиттӕ исынц хъӕууон хӕдзарады фадыджы бизнес бакӕнынӕн.
"Проектты 70-75 проценты сты хъӕууонхӕдзарадон фадыгӕй - кӕсаг дарыны, мыды куыст, ставдкъах фосы фермӕ, хъӕрмадтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ис ма дзы рауагъдад сцайдагъ кӕныны фӕндтӕ дӕр. Сӕ нымӕцы мебелы цех, чысыл дзулфыцӕн, хъӕдӕрмӕгимӕ куыст, салфеткӕты цехы райрӕзт ӕмӕ афтӕ дарддӕр", - банысан кодта Бибылты Нонна.
Хуссар Ирыстоны 2018 азӕй фӕстӕмӕ Чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгдары райрӕзтӕн хатырон кредиттӕ дӕттыны закон ӕххӕстгӕнгӕйӕ лӕвӕрд ӕрцыд 124,5 милуан сомы, уыдон байуӕрстой чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгдары 219 субъектыл.