Гимнази "Альбион"-ы театралон студи архайы фестиваль "Амыраны рухс" -ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы гимнази "Альбион" архайы Цӕгат Ирыстон фӕсивӕдон ӕмӕ сабиты театрты фестиваль "Амыраны рухс"-ы, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕды комитеты пресс-службӕйы.
Уыдон фыццаг хатт нӕ архайынц фестивалы, ивгъуыд аз ахуыргӕнӕндоны труппа райстой фыццаг бынат.

"Ахуырдзаутӕ бавдисдзысты спектакльтӕ "Сидзæргæс" номинаци драматикон театры ӕмӕ "Скорбящий ангел" номинаци сфӕлдыстадон эксперименты",- загътой уым.

Фӕсивӕдон ӕмӕ сывӕлӕтты театрты национ фестиваль "Амыраны рухс" уагъд цӕуы рӕзгӕ фӕлтӕрты ирон культурӕйы монон-фӕткӕвӕрдон ӕууӕлтӕм гӕсгӕ схъомыл кӕнын охыл, стӕй ма мадӕлон ӕвзаджы бахъахъхъӕнын ӕмӕ райрӕзты нысанӕн.
Йӕ аразджытӕ сты Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон хъуыддӕгты фӕдыл комитет, фӕсивӕдон организаци "Амыран" ӕмӕ фӕсивӕдон студи-театр "Амыран".
Фӕсивӕдон театр "Амыран" ӕрцӕудзӕн гастролты Цхинвалмӕ