Хуссар Иры МХМ радзырдтой республикӕйы криминогенон уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы рабӕрӕг кодтой мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй бӕрнмӕ ӕркодтой иу адӕймаджы, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Хуссар Иры дуканиты уадзынц рейдтӕ ӕргътӕ ӕнӕбындурон фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл
Афтӕ ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау. Аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
Уымӕй дарддӕр ма фӕндагон ӕдасдзинадмӕ хъусдарды рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой 326 фӕткхӕлды. Ӕхсӕз шофыры ныхмӕ бакодтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.