Хуссарирыстойнаг боксертӕ рамбылдтой спаррингтӕ Дзӕуджыхъӕуы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы дыууӕ минӕвары рамбылдтой сӕ спаррингтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ райстой балцӕгтӕ ЦКФЗ ерыстӕм, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Куымӕридтаты Родион.
Уӕлахиздзаутӕ ссисты Гуыцмӕзты Тамерлан ӕмӕ Хуриты Дмитрий.
"Цӕгат Ирыстоны цыдысты Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстӕм ӕвзарӕн спаррингтӕ. Дыууӕ цхинвайлаг боксер дӕр ауагътой фӕйнӕ ӕртӕ ӕнтыстджын тохы", - загъта тренер.
Куымӕридтаты Родионы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ уымӕй размӕ дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рамбылдтой ерыстӕ.
"Тамерлан ӕрӕджы дӕр тох кодта "Юность России"-йы. Уӕд дӕр архайдта Уӕрӕсейы фыццагадмӕ ахизыныл. Ныр дӕр нӕ нысан у уый. Хуриты лӕппу нырма уый бӕрц фӕлтӕрд нӕу, фӕлӕ йӕхи тынг фидар ӕвдисы", - бафтыдта уый.
Спортсментӕ цӕттӕ кӕнынц Боксы скъолайы тренер Куымӕридтаты Родионы къухдариуӕгады бын.
Хуссарирыстойнаг боксертӕ ссисты "Юность России"-ы призертӕ