ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полици ӕрурӕдта Централон Азийӕ 20-аздзыд рацӕуӕггаджы героины егъау партиимӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ.
Нӕгоймагмӕ фехсайдтой патрулон-постон службӕйы кусджыты зӕрдӕтӕ, кӕцытӕ сӕ хъус дардтой Къостайы проспекты фӕткмӕ.
"Зӕрдӕхсайгӕмӕ ссардӕуыд тыхтӕттӕ цавӕрдӕр порошокӕнгӕс буарадимӕ, кӕцы экспертизӕмӕ гӕсгӕ разынд наркотик "героин", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъӕнджытӕ ма уымӕй дарддӕр нӕлгоймаджы телефоны ссардтой наркотиктимӕ ӕмбӕхсӕнты къамтӕ, кӕцытӕ саразын уый размӕ бантыст фыдгӕнӕгӕн. Сусӕг ӕмбӕхсӕнтӕ иууылдӕр ӕрцыдысты куынӕг.
Йӕ рӕстӕгмӕ цӕрӕнбынат басгарыны рӕстӕджы ма полицийы кусджытӕ ссардтой ноджы иу тыхтон героинимӕ, кӕцы ахсуӕвӕг хъавыд апарахат кӕнынмӕ.
Ссаргӕ буарады иумӕйаг бӕрц уыд 200 иухаттон дозӕйы фаг.