https://sputnik-ossetia.com/20220406/tsagat-iry-aruradtoy-tsentralon-aziya-20-azdzyd-ratsauaggadzhy-geroiny-egau-partiima-16179720.html
Цӕгат Иры ӕрурӕдтой Централон Азийӕ 20-аздзыд рацӕуӕггаджы героины егъау партиимӕ
Цӕгат Иры ӕрурӕдтой Централон Азийӕ 20-аздзыд рацӕуӕггаджы героины егъау партиимӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полици ӕрурӕдта Централон Азийӕ 20-аздзыд рацӕуӕггаджы героины егъау партиимӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ. 06.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-06T12:32+0300
2022-04-06T12:32+0300
2022-04-06T16:15+0300
цӕгат ирыстон
цаутӕ
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/74/11/741116_0:164:3059:1884_1920x0_80_0_0_8278234d6beaaf966a53b6c8c04e73cf.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полици ӕрурӕдта Централон Азийӕ 20-аздзыд рацӕуӕггаджы героины егъау партиимӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ. Нӕгоймагмӕ фехсайдтой патрулон-постон службӕйы кусджыты зӕрдӕтӕ, кӕцытӕ сӕ хъус дардтой Къостайы проспекты фӕткмӕ.Барадхъахъхъӕнджытӕ ма уымӕй дарддӕр нӕлгоймаджы телефоны ссардтой наркотиктимӕ ӕмбӕхсӕнты къамтӕ, кӕцытӕ саразын уый размӕ бантыст фыдгӕнӕгӕн. Сусӕг ӕмбӕхсӕнтӕ иууылдӕр ӕрцыдысты куынӕг. Йӕ рӕстӕгмӕ цӕрӕнбынат басгарыны рӕстӕджы ма полицийы кусджытӕ ссардтой ноджы иу тыхтон героинимӕ, кӕцы ахсуӕвӕг хъавыд апарахат кӕнынмӕ. Ссаргӕ буарады иумӕйаг бӕрц уыд 200 иухаттон дозӕйы фаг.
https://sputnik-ossetia.com
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/74/11/741116_163:0:2894:2048_1920x0_80_0_0_43aea6451c5148185609a537631618f0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, цаутӕ, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, цаутӕ, ног хабӕрттӕ
Цӕгат Иры ӕрурӕдтой Централон Азийӕ 20-аздзыд рацӕуӕггаджы героины егъау партиимӕ
12:32 06.04.2022 (Ранӕуӕггонд: 16:15 06.04.2022) ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полици ӕрурӕдта Централон Азийӕ 20-аздзыд рацӕуӕггаджы героины егъау партиимӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ.
Нӕгоймагмӕ фехсайдтой патрулон-постон службӕйы кусджыты зӕрдӕтӕ, кӕцытӕ сӕ хъус дардтой Къостайы проспекты фӕткмӕ.
"Зӕрдӕхсайгӕмӕ ссардӕуыд тыхтӕттӕ цавӕрдӕр порошокӕнгӕс буарадимӕ, кӕцы экспертизӕмӕ гӕсгӕ разынд наркотик "героин", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъӕнджытӕ ма уымӕй дарддӕр нӕлгоймаджы телефоны ссардтой наркотиктимӕ ӕмбӕхсӕнты къамтӕ, кӕцытӕ саразын уый размӕ бантыст фыдгӕнӕгӕн. Сусӕг ӕмбӕхсӕнтӕ иууылдӕр ӕрцыдысты куынӕг.
Йӕ рӕстӕгмӕ цӕрӕнбынат басгарыны рӕстӕджы ма полицийы кусджытӕ ссардтой ноджы иу тыхтон героинимӕ, кӕцы ахсуӕвӕг хъавыд апарахат кӕнынмӕ.
Ссаргӕ буарады иумӕйаг бӕрц уыд 200 иухаттон дозӕйы фаг.