Абон ахсджиаг бон у: Мулдарты Гарри схъӕлӕс кодта ӕвзӕрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Парламенты депутат, президенты бынатмӕ кандидат Мулдарты Гарри схъӕлӕс кодта Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты. Йе 'мбӕстагон хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ уый бацыд Революцийы уынджы уӕвӕг ӕвзарӕн фадыгмӕ йе 'мкъай ӕмӕ зӕнӕгимӕ.
"Тынг ахсджиаг бон у абон - ӕвзарӕм президенты. Мах ӕвзарӕм адӕймаджы, кӕцы фондз азы архайдзӕн Ирыстоны хӕрзӕбонӕн, йӕ размӕцыдӕн, хъахъхъӕндзӕн нӕ бӕстӕйы арӕнтӕ ӕмӕ йӕ адӕмы бартӕ", - загъта уый.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны 8.00 сахатыл райдыдта хъӕлӕскӕнынад президентон ӕвзвӕрстыты фӕдыл. Республикӕйы ӕмӕ йӕ ӕддейӕ ӕвзарӕн фадгуытӕ иууылдӕр байгом сты рӕстӕгыл, хъӕлӕсӕппӕрст райдыдта, хъусын кӕны РХИ Централон ӕвзарӕн къамис.
Хуссар Иры ЦӔК пресс-центр райдыдта йӕ куыст
Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн фадат ис схъӕлӕс кӕнын76 фадыгыл: уыдонӕй 72 байгом сты Хуссар Ирыстоны территорийыл, дыууӕ - Цӕгат Ирыстоны, ноджы ма фӕйнӕ та Хуссар Иры минӕварадта Мӕскуы ӕмӕ Сухумы.
Хъӕлӕсӕппӕрсты цыдмӕ сӕ хъус дарынц 60-йӕ фылдӕр ӕхсӕнадӕмон цӕстдарӕджы Уӕрӕсе, Абхаз, Хӕххон Карабах, ДАР, ЛАР, Турк, Австри, Сири, Германи, Итали ӕмӕ Венесуэлӕйӕ.
Хъӕлӕскӕнынад адарддӕр уыдзӕн 20.00 сахаты онг.
Бӕстӕйы уӕлдӕр постмӕ тырнынц фондз кандидаты - Бибылты Анатолий, Мулдарты Гарри, Гаглойты Алан, Тасойты Дмитрий ӕмӕ Плиты Александр.
Хуссар Ир ӕвзары президенты. Республикӕйы байгом сты ӕвзарӕн фадгуытӕ иууылдӕр