Бибылты Анатолий схъӕлӕс кодта Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ныры президент Бибылты Анатолий схъӕлӕс кодта республикӕйы президенты ӕвзӕрстыты. Паддзахады сӕргълӕууӕг йӕ бинонтимӕ ӕрбацыд ӕвзарӕн фадыгмӕ республикон спортскъоламӕ.

"Ӕвзӕрстытӕ тох не сты, фӕлӕ бӕрӕгбон. Политикон тох уыд уый размӕ. Абон та Хуссар Ирыстоны адӕм аразынц се ‘взӕрст ӕмӕ бӕлвырд кӕнынц сӕ фидӕн. Адӕм бӕрӕг кӕнынц, кӕимӕ цӕудзысты размӕ ӕмӕ реализаци кӕндзысты нывӕзтытӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, адӕмы ӕвзӕрст хъуамӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕной паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ кандидаттӕ иууылдӕр.
Тасойты Дмитрий схъӕлӕс кодта Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстыты
Республикӕ Хуссар Ирыстоны 10 апрелы цӕуынц президентон ӕвзӕрстытӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ претенденттӕ сты ныры президент Бибылты Анатолий, парламенты дыууӕ депутаты Мулдарты Гарри ӕмӕ Плиты Александр, парламентон парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан ӕмӕ экс-депутат Тасойты Дмитрий.
Ӕвзарджытӕн схъӕлӕс кӕныны фадат ис 76 ӕвзарӕн фадыджы: уыдонӕй 72 байгом сты республикӕйы территорийыл, ноджы цыппар фӕсарӕнты. Ӕдӕппӕт мыхуыргонд ис 40 мин ӕвзарӕн бюллетены.
Абон ахсджиаг бон у: Мулдарты Гарри схъӕлӕс кодта ӕвзӕрстыты