Скъуыддзаг цӕуы адӕмы хъысмӕт: Гаглойты Алан схъӕлӕс кодта Хуссар Иры ӕвзӕрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны президенттӕм кандидат Гаглойты Алан хайад райста паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ хъӕлӕсӕппӕрсты. Уый йӕ бинонтимӕ ӕрбацыд 23-ӕм ӕвзарӕн фадыгмӕ Цхинвалы фыццӕгӕм скъоламӕ.
"Скъуыддзаг цӕуы адӕмы хъысмӕт. Мах уынӕм, адӕм ӕвзӕрстытӕм бӕрнон ахаст кӕй дарынц. Уый бӕрӕг цӕуы ӕвзарджыты егъау нымӕцӕй", - загъта Гаглойты Алан журналисттӕн.
Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕвзӕрстытӕ цӕуынц сабыр уавӕры. Егъау фехӕлдтӕ бӕрӕг не ‘рцыд.
Адӕмы хъӕуынц ивындзинӕдтӕ: Плиты Александр схъӕлӕс кодта Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстыты
Республикӕ Хуссар Ирыстоны 10 апрелы цӕуынц президентон ӕвзӕрстытӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ претенденттӕ сты ныры президент Бибылты Анатолий, парламенты дыууӕ депутаты Мулдарты Гарри ӕмӕ Плиты Александр, парламентон парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан ӕмӕ экс-депутат Тасойты Дмитрий.
Ӕвзарджытӕн схъӕлӕс кӕныны фадат ис 76 ӕвзарӕн фадыджы: уыдонӕй 72 байгом сты республикӕйы территорийыл, ноджы цыппар фӕсарӕнты. Ӕдӕппӕт мыхуыргонд ис 40 мин ӕвзарӕн бюллетены.