ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Уӕрӕсейы Фӕдерацийы Советы вице-спикер Константин Косачев фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ кӕй ацыдысты бӕстӕйы конституцимӕ гӕсгӕ ӕмӕ сӕ фӕстиуджытӕ дызӕрдыгдзинад кӕй никӕмӕ ӕвзӕрын кӕнынц.
"Ничи дызӕрдыг кӕны, ӕвзӕрстытӕ Конституцимӕ, архайгӕ законмӕ гӕсгӕ кӕй ацыдысты. Кӕд нӕ рӕдийын, уӕд ацы этапыл ничи гуырысхо кӕны хъӕлӕсӕппӕрсты процедурӕйыл - ӕвзӕрстытӕм цӕттӕкӕнынад, сӕ организаци", - хъусын кӕны Косачевы ныхӕстӕ РИА Новости.
Политикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕлӕскӕнынад куыд ацӕудзӕн, уый баст у ӕрмӕстдӕр Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтимӕ.
"Махӕн нӕ бон у ӕрмӕстдӕр ацы процесмӕ хъус дарын. Ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм дыккаг турмӕ", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты хъӕлӕсты 95 проценты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Бибылта Анатолий систа 33,5%. Йӕ разӕй цӕуы Гаглойты Алан, кӕцыйӕн схъӕлӕс кодтой ӕвзарджыты 36,9 %.