ЦӔК сӕргълӕууӕг фехъусын кодта ӕвзӕрстыты дыккаг туры развӕлгъау датӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстыты дыккаг тур гӕнӕн ис ацӕуа 8 майы, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия.
"Ӕвӕццӕгӕн, дыккаг тур ацӕудзӕн 8 майы. Законмӕ гӕсгӕ, ӕвзӕрстытӕ нӕй гӕнӕн снысан кӕнын бӕрӕгбонон датӕмӕ. Куадзӕн у бӕрӕгбонон датӕ президенты барамындмӕ гӕсгӕ. Уый фӕдыл хуыцаубоны, 24 апрелы, нӕй гӕнӕн ауадзын ӕвзӕрстытӕ. Иннӕ хуыцаубон у фыццӕгӕм май, уый дӕр у бӕрӕгбон. Баззад ма 8 май – ӕвӕццӕгӕн, уӕд сӕ снысан кӕндзыстӕм", - бахахх кодта ЦӔК сӕргълӕууӕг.
Гӕджиты Эмилия бахахх кодта, датӕ кӕй у развӕлгъау, уымӕн ӕмӕ къамисӕн нырма фадат нӕй фехъусын кӕнын ӕвзӕрстыты кӕронбӕттӕн хатдзӕгтӕ.
"Махӕн ӕвзӕрстыты фӕдыл бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, фӕлӕ сӕ фехъусын кӕнын нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ мах нӕ райстам фадыгон къамисты протоколты оригиналтӕ Мӕскуы ӕмӕ Абхазӕй. Куыддӕр сӕ райсӕм, афтӕ фехъусын кӕндзыстӕм ӕвзӕрстыты хатдзӕгтӕ" – загъта уый.
Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстыты фыццаг туры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ ӕмбулы Гаглойты Алан
Гӕджиты Эмилия ма бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы къуыри ӕвзӕрстытӕ ауадзыны фадат нӕй.
"Мах хъӕуы нырма саразын печать, кӕцы ӕвӕрд цӕуы ӕвзраджыты паспортты, афтӕ ма бюллетеньтӕ ӕвзӕрстыты дыккаг турӕн. Уымӕн хъӕуы рӕстӕг, уый фӕдыл ацы хуыцаубоны ӕвзӕрстытӕ ауадзынӕн фадӕттӕ нӕй", - фехъусын кодта ЦӔК сӕргълӕууӕг.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны ацыдысты президенты ӕвзӕрстытӕ.
ЦӔК бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дыккаг турмӕ ахызтысты архайгӕ президент Бибылты Анатолий (33,5 проценты) ӕмӕ парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан (36,9 проценты).