Хуссар Иры цӕрджытӕн фадат уыдзӕн рацӕуын реабилитаци Абхазы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн сӕ бон суыдзӕн медицинон реабилитаци рацӕуын Абхазы. Уый тыххӕй баныхас кодтой дыууӕ республикӕйы Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министртӕ Наниты Сослан ӕмӕ Эдуард Бутба.

"Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн фадат уыдзӕн спайда кӕнын Абхазы медицинон ресурстӕй цыппарӕй. Медицинон реабилитацийы фадӕттӕ Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕн уыдзысты ӕнӕаргъӕй", - загъта уагдоны пресс-секретарь Цоциты Марианна.

Реабилитаци цы медицинон уагдӕтты уыдзӕн рацӕуыны фадат, уыдон нымӕцы къуындӕг авналӕнтимӕ сывӕллӕтӕн хосгӕнӕндӕттӕ, фӕсковидон проблемӕтимӕ ӕмӕ ӕндӕр здӕхӕнты.
Цы уагдӕттимӕ срӕвдз уыдзӕн ӕмгуыстад, уыдон нымӕцы Сухумы сывӕлӕтты реабилитацион центр, Гаграйы уӕвӕг 1992-1993 ӕзты хӕсты инвалидты реабилитацион центр, Очамчирайы спортивон комплекс "Жемчужина" ӕмӕ централон рынчындоны реабилитацион хайад.
Хуссарирыстойнаг низӕфхӕрд сабитӕ реабилитации рацӕудзысты Хъырымы
Амӕйразмӕ ма Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады руаджы цӕрджыты цалдӕр къорд рацыдысты реабилитаци Хъырымы.