Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны разамонӕг радзырдта Ялтайы форум ӕмӕ Цхинвалы куыстыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ хайад райстой ногдзауты 100-азон юбилейы форумы, кӕцы ацыд Ялтайы. Форумы хайадисджытӕй иу, Цхинвалы сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны директор Джиоты Аряна радзырдта, цы фарстытыл ӕрдзырдтой форумы ӕмӕ куыд ӕххуыс кӕны Галуан раргом кӕнын сывӕллӕтты, ууыл.
"Форумы куысты хайад истой Уӕрӕсейы сенатортӕ, педагогон зонӕдты доктортӕ ӕмӕ кандидаттӕ. Баныхасы темӕ уыд фӕсивӕдимӕ куысты организаци. Уыдоны цымыдис кодта: цӕимӕ ӕрцыдыстӕм ӕмӕ нын цы ӕнтыстытӕ ис ацы хъуыддаджы", - загъта Джиоты Аряна.
Джиоты Аряна
Уыимӕ иумӕ ма дзырд цыд сывӕллӕтты хъомылады ног методикӕ ӕмӕ инструменттыл.
"Хуссар Ирыстоны фыццаг къахдзӕфтӕ аразы фӕсивӕдон организаци "Раззагонтае". Форумы хайадисджыты цымыдис кодта фарст: цы нӕ иу кӕны ӕмӕ цы ис сывӕллӕтты организацийы бындуры. Мах радзырдтам, уыдон кӕй сты нӕ адӕмы традицитӕ ӕмӕ ӕгъдау", - банысан кодта уый.
Джиоты Арянайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан интеграци кӕндзӕн хуссарирыстойнаг ахуырдзауты алыхуызон проектты ӕмӕ Уӕрӕсейы скъоладзауты змӕлды акциты.
Джиоты Аряна радзырдта Цхинвалы сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны куысты тыххӕй дӕр ӕмӕ банысан кодта, педагогтӕн кӕй бантыст ӕрбаздахын сабиты алыхуызон кружоктӕм, цӕмӕй аиуварс уой гаджеттӕй.
Цхинвалы ацӕудзӕн театралон фестиваль "Уазӕгуаты аргъаумӕ"
"Нӕ ахуыргӕнджытӕ ӕрымысынц цыдӕр ногӕй алы бон дӕр, цӕмӕй сывӕллӕттӕн сӕ цымыдис ма сӕфа. Мах уынӕм, цахӕм зӕрдиагӕй цӕуы фӕсивӕд ардӕм, ӕмӕ нын уый у стыр хорзӕх. Фӕнды мӕ банысан кӕнын ахуыргӕнджыты командон куыст, кӕцытӕ хӕларадон уавӕры скъуыддзаг кӕнынц фарстытӕ иууылдӕр", - загъта Джиоты Аряна.
Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны цӕуынц интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон мадзӕлттӕ, организаци цӕуынц сӕрдыгон лагерьтӕ, концерттӕ.
Ацы бонты Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны ацӕудзӕн интеллектуалон хъазт "Русский мир". Хайад дзы райсдзысты фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕ. Афтӕ ма нывӕзты ис скъолаты хсӕн театралон фестиваль "Уазӕгуаты аргъаумӕ".