"Осетинская палитра на берегах Невы": Петербурджы байгом ирон нывгӕнджыты равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 апр - Sputnik. Санкт-Петербурджы байгом равдыст "Осетинская палитра на берегах Невы", хъусын кӕны "15-ӕм Регион" Петербурджы ирон ӕхсӕнады пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Уый у зындгонд ирон нывгӕнджыты ӕхсӕзӕм равдыст", - банысан кодтой организацийы.
Нысангонд ӕрцыд, аивад уарзджытӕн кӕй бавдыстӕуыд 20 мастеры куыстытӕ.
"Матер" галерейы равдыстмӕ ӕнӕаргъӕй бацӕуыны фадат уыдзӕн 30 апрелы онг.
Цӕгатирыстойнаг нывгӕнджытӕ рахӕсдзысты Нарты кадджытӕ виртуалон тыгъдадмӕ