Цӕгатирыстойнаг нывгӕнджытӕ рахӕсдзысты Нарты кадджытӕ виртуалон тыгъдадмӕ

© Картина художника Махарбека ТугановаНарты кадджытӕ
Нарты кадджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 фев - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны нывгӕнджытӕ ӕмӕ графистты командӕ нывӕнды рахӕссын Нарты кадджытӕ виртуалон тыгъдадмӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Ацы хъӕппӕрис фӕзынд компьютерон графикӕйы нывгӕнӕг Хадыхъаты Аланмӕ. Уый ӕрӕмбырд кодта командӕ ӕмӕ райдыдта кусын проектыл. Ныртӕккӕ куыст цӕуы электронон библиотекӕйы арӕзтадыл. Уый фӕстӕ дзы пайда кӕндзысты эскизтӕ аразынӕн мультфильмтӕн, хъӕзтытӕн ӕмӕ кинонывтӕн. Цӕмӕй информаци расту уа, уый фӕдыл командӕ кусы 150-йӕ фылдӕр чиныгыл.
"Фӕсивӕд ныр нӕ фӕрсы эпос. Аххосджын кӕнын сӕ уый тыххӕй нӕ хъӕуы. Хъӕуы популяризаци кӕнын Нарты кадджытӕ. Уый гӕнӕн ис аразын хъӕзтыты руаджы. Цӕвиттонӕн, уым уыдзӕн мисситӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ, кӕцыты руаджы фӕсивӕд зонгӕ кӕндзӕн Нарты кадджытимӕ", - радзырдта Хадыхъаты Алан.
Автор куыд банысан кодта, афтӕмӕй нывӕндынц саразын уӕлӕмхасӕн дӕр, кӕцы уыдзӕн гӕнӕн раппарын телефонмӕ электронон форматы ӕмӕ йӕ бакӕсын.
Абоны бон проектыл кусынц 7 адӕймаджы, фӕлӕ Хадыхъаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы ноджы фылдӕр адӕм. Алан йӕ командӕимӕ сахуыр кӕндзӕн кӕй фӕнды, уыдоны компьютерон графикӕ аразын.
Ног хабӕртты лентӕ
0