Хуссар Иры ахуырады министры схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй Уӕрӕсейы минӕварады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Гасситы Наталийы цыппӕрӕмы схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй. Схорзӕх кӕныны фӕдыл бардзырдыл йӕ къух ӕрфыста Уӕрӕсейы президент Владимир Путин. Мадзал уагъд ӕрцыд Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхайы Цхинвалы.
Хуссар Иры ахуырады министры схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй
Министрӕн хорзӕх радта Уӕрӕсейы минӕвар Марат Кулахметов. Уый банысан кодта, Гасситы Натали йӕ цардӕй бирӕ ӕзтӕ кӕй снывонд кодта республикӕйы уырыссаг культурӕ размӕ кӕнынӕн, уыд дыууӕ паддзахады уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты ӕхсӕн бастдзинӕдтӕ ӕрнывыл кӕныны инициатор, схъомыл кодта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ цалдӕр фӕлтӕр.
"Минстрады куыстӕй бӕрӕг у ӕмӕ скъолайы агъоммӕйы уагдӕтты, Хуссар Ирыстоны астӕуккаг скъолаты кӕй фидар кӕны уырыссаг ӕвзаг ахуыр кӕнынад уӕрӕсейаг стандарттӕм гӕсгӕ", - бахахх кодта Кулахметов.
Уый бафтыдта, ацы хорзӕх йӕ адресаты кӕй хъуамӕ ссардтаид ивыгъуыд аз ноябры мӕйы, фӕлӕ йӕ аргъӕвтой коронавирусы фӕдыл арӕнвӕрд мадзӕлтты тыххӕй.
Хуссар Иры ахуырады министры схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй
Гасситы Натали загъта, ацы бон кӕй у йӕ царды иууыл ирддӕр бонтӕй сӕ иу.
"Ӕз мӕ профессионалон архайд кӕй снывон кодтон уырыссаг ӕвзаг парахат кӕнынӕн, уый нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ мидӕг нывӕрдтой нӕ ныййарджытӕ, мӕ бӕстӕ, цы ран мадӕлон ӕвзагимӕ иумӕ мах аргъуц кӕнӕм ӕмӕ пропагандӕ кӕнӕм уырыссаг культурӕ", - загъта министр.
Уый бузныджы ныхӕстӕ загъта Марат Кулахметовӕн ацы хорзӕхы тыххӕй, афтӕ ма йӕ коллегӕтӕн, ахуыргӕнинӕгтӕн, кӕцыты фӕрцы йын "фадат фӕци йӕхи раргом кӕнын русисты профессийы ӕмӕ балӕвар кӕнын уыцы амонды муртӕ ӕмӕ циндзинад, уырыссаг литературӕ кӕй цымыдис кӕны, уыдонӕн".
Хуссар Иры ахуырады министры схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй