Ӕфсад алцыдӕр сараздзӕн сабыр ӕмӕ фидарӕй: эксперт сӕрмагонд операцийы фӕстиуджыты тыххӕй

Sputnik
Sputnik, Козаты Диана
Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийӕ Украинӕйы рацыд дыууӕ мӕйы. Цы фӕивта фӕстаг мӕй? Чи ӕххуыс кӕны дарддӕр киеваг режимӕн? Цас ма фӕлӕудзысты украинӕйаг ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ сты ӕрхъулайы "Азовсталы"? Уыдон ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕрты тыххӕй Sputnik йӕ интервьюйы радзырдта хӕстон эксперт Виктор Литовкин.
"Ацы рӕстӕгмӕ фӕцис операцийы фыццаг этап ӕмӕ официалон ӕгъдауӕй фехъусын кодтой дыккаг этапы райдианы тыххӕй.Ныридӕгӕн сӕрибар ӕрцыд Луганскаг ӕмӕ донецкаг адӕмон республикӕты фылдӕр хай, сӕрибар ӕрцыд горӕт Мариуполь. Райдыдта операци Украинӕйы гарзджын тыхты къордтӕ ӕмӕ нацбатальонтыл ӕрхъула ӕмӕ скуынӕг кӕныны фӕдыл Донбассы", - загъта эксперт.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, къорд бӕстӕйы дарддӕр ифтонг кӕнынц хӕцӕнгарзӕй Украинӕйы, сӕйраджыдӕр, уыдон сты АИШ, сӕ хъахъхъӕнынады министр ныртӕккӕ дӕр ис Украинӕйы ӕмӕ Зеленскийимӕ бадзырдты фӕстиуӕгӕн ныфс бавӕрдта ноджы уӕлӕмхасӕй рахицӕн кӕнын 700 милуан доллары.
"Афтӕ ма 800 милуаны, кӕцытӕ раздӕр рахицӕн кодта президент Байден", - зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Литовкин.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ӕхсӕвмӕ скуынӕг кодтой националистты фӕткдаруаты цыппар пункты
Хӕцӕнгарз Украинӕйӕн, дзуры эксперт, дарддӕр хицӕн кӕнынц Польшӕ, Словаки, Германи, уыимӕ фӕстаг бӕстӕ бӕрӕг фӕкъаддӕр кодта йе ‘ххуыс, уымӕн ӕмӕ ӕмбары, хӕцӕнгарз ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйӕ йӕ фӕстауӕрцтӕ ӕгӕрон кӕй не сты, ӕмӕ Украинӕйы та цытӕ цӕуы, уыдон не сты гарантитӕ, техникӕ ӕцӕгӕй дӕр раст адресыл кӕй фӕхӕццӕ уыдзӕн.
Ӕгӕрыстӕмӕй АИШ дӕр, бафиппайдта Литовкин, басастысты, зӕгъгӕ, Украинӕйы арӕнтӕй бахизгӕйӕ стӕй бӕрӕг нал вӕййы, цы фӕцис техникӕ, уый.
"Уый тынг ӕвдисинаг хъуыддаг у. Ома, Украинӕ Ныгуылӕнӕн ссис цавӕрдӕр сау цъасс, кӕцымӕ фадат ис баппарын цыфӕнды ӕфсӕддон хъӕррӕгътӕ дӕр ӕмӕ ма ӕгӕрыстӕмӕй ӕхца дӕр бакусын. Уымӕн ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйӕ ифтонг кӕныны тыххӕй, раджы уа ӕви ӕрӕджы, Киевы хъӕудзӕн бафидын. Уый лӕвар ӕххуыс нӕу", - бахахх кодта эксперт.
Мариуполы уавӕрыл дзургӕйӕ Литовкин банысан кодта, иттӕг растыл кӕй нымайы Путины скъуыддзаг заводы штурм аивыны фӕдыл. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ сты ӕрхъулайы завод "Азовсталы", ницы фӕуыдзысты: Зеленский сӕ ныууагъта, украинӕйаг фарс басаст, кӕй йын нӕй фадӕттӕ уыдон хӕлцад, дон ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕй ифтонг кӕнын, афтӕ ма нӕу сӕ бон ӕрхъула батонын ӕмӕ уыцы адӕмы заводы территорийӕ рахизын кӕнын.
"Куыд фӕстагмӕ уӕддӕр уыцы ӕфсӕддонтӕ сӕхи ратдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн бирӕ ӕнӕ хӕцӕнгарз, дон ӕмӕ хӕлцадӕй, кӕд сӕ ныккӕндты егъау фӕстауӕрцтӕ ис, уӕддӕр", - загъта Литовкин.
УФ Хъахъӕнынады министрад ранымадта Украинӕйы сӕрмагонд операцийы дыккаг фазӕйы нысӕнттӕ
Уый фидарӕй уырны, зӕгъгӕ, операцийы сӕйраг нысан – Донбассы ӕххӕстбӕрцӕй ссӕрибар кӕнын – ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн. Эксперты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ЛАР ныридӕгӕн сӕрибаргонд ӕрцыд, абон ма ӕрбацыд информаци, Луганскы ӕфсад нырид кӕй ӕрбахызт Донецкы арӕнтӕм.
"Донбассы территори стырдӕр у ӕмӕ ма дзы баззад бынӕттӕ, кӕцытӕ нырма сты Украинӕйы гарзджын тыхты дӕлбар. Ӕмӕ операцийы дыккаг этап цӕуы уый фӕлгӕтты, цӕмӕй уыцы къордтӕ ӕмӕ нацбаттӕ, кӕцытӕ сты Донбассы территорийыл, куынӕг ӕрцӕуой", - загъта эксперт.
Уый прогнозтӕ нӕ радта, цас рӕстӕг бацахсдзысты ацы хъуыддӕгтӕ, фӕлӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, сабырӕй, цъусгай ӕмӕ фидарӕй уӕрӕсейаг ӕфсад алцыдӕр сараздзӕн.