Къуаисайы командӕ рамбылдта ӕппӕтреспубликон ерыстӕ волейболӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы уагъд цӕуӕг ерыстӕ волейболӕй рамбылдта Къуаисайы команда, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.
Волейболӕй турнир Дзауы
Ӕдӕппӕтӕй ерысты стох кодта ӕхсӕз командӕйы - Къуаисайы, Дзауы районы спорты хайады, астӕуккаг скъолайы ӕмӕ мидхъуыддӕгты районы дӕлхайады командӕтӕ, стӕй ма Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды ӕмӕ цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы командӕтӕ.
"Къуаисайӕгтӕ ссисты уӕлахиздзаутӕ, дыккаг бынатыл ацыд районы спорты хайад, турниры ӕртыккаг призер та уыд цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы къорд. Турниры хуыздӕр хъазӕг ссис ӕвзонг чызг Зассеты Алана, кӕцы хъазыд Къуаисайы сконды", - загъта Тедеты Лиана.
Ӕппӕтреспубликон ерыстӕ цӕуынц ӕрвылаз.
Волейболӕй турнир Дзауы