Цхинвалы тыхсын кӕны Женеваг дискусситы ӕрурӕд – хуссаирыстойнаг делегацийы разамонӕг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны тыхсын кӕны Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы форматы фӕурӕд, фехъусын кодта Sputnik хуссарирыстойнаг делегацийы разамонӕг Коцты Константин.
Уый размӕ къуырисӕры Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады фехъусын кодтой, Женеваг дискусситы фӕлгӕтты куыст "сӕвӕрдтой паузӕйыл" ИНО, Евроцӕдис ӕмӕ ОБСЕ ӕмсӕрдарты хъӕппӕрисӕй, кӕцытӕ аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ баныхасы 56-ӕм раунд.
Хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнылӕгты ахӕм скъуыддзаджы аххосӕгтӕ комкоммӕ нӕ загътой.
"Кӕцыдӕр паддзахӕдтӕ сарӕзтой логистикон проблемӕтӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ дискриминацион мадзӕлтты комплексы контексты. Ацы уавӕрты дӕр уыд фадат ссарын скъуыддзаг, фӕлӕ мах ницы хъӕппӕристӕ райстам ӕмсӕрдартӕй", - загъта Коцты Константин.
Уый бахахх кодта, женеваг процессы фӕурӕдӕн ис рисктӕ, уымӕн ӕмӕ Гуырдзыстоны хӕстон потенциал фидар кӕны НАТО-имӕ ӕмархайды руаджы. Делегацийы сӕргълӕууӕг зӕрдыл ӕрбалӕууын Ныгуылӕны бӕстӕты минӕвӕртты куырдиӕттӕ, кӕцытӕ сидынц Гырдзыстонмӕ бакӕнын ног фронт Уӕрӕсейы ныхмӕ.
Гуырдзыстон цӕмӕннӕ кӕны йӕ полицӕйӕгты Уистӕй - ИӔАМ фембӕлды хатдзӕгтӕ
"Хуссарирыстойнаг фарс алцыдӕр аразы, цӕмӕй ӕххӕст кӕна Женеваг процессы элементтӕ, кӕцытӕ фадат дӕттынц кусын ацы уавӕрты. Дзырд, сӕйраджыдӕр, цӕуы инцеденттӕ ма руадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмтыл, кӕцытӕ адарддӕр кодтой сӕ куыст. Уыимӕ иумӕ, ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй мах ӕрыздӕхӕм тагъд рӕстӕджы Женеваг дискусситы ӕххӕст куыстмӕ", - бахахх кодта Коцты Константин.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны делегаци нывӕнды райсын дырыс хъӕппӕрис ӕмсӕрдартӕй дискусситы ног раунды фӕдыл.
Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.