Хуссар Иры ЦӔК снысан кодта президентон ӕвзӕрстыты дыккаг туры датӕ 8 маймӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг тур ацӕудзӕн иннӕ хуыцаубоны, 8 майы. Ног датӕ знон снысан кодта Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК).
ЦӔК скъуыддзагӕй фӕлхатон хъӕлӕскӕнынад хъуамӕ ацыдаид цыппӕрӕмы, 28 апрелы. Фӕлӕ ивгъуыд къуыри тӕрхондонмӕ бадзырдтой Хуссар Ирыстоны ӕртӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ цӕрынц Цӕгат Ирыстоны территорийыл, цӕмӕй ахӕссой президенты ӕвзӕрстытӕ хуыцаубонмӕ. Сабаты Уӕлдӕр тӕрхондон аивта президенты ӕвзӕрстыты датӕ ӕмӕ бахӕс кодта ЦӔК снысан кӕнын ног датӕ.
"Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг тур снысан кодтой 8 маймӕ. Райстам тӕрхондоны мотивацигонд скъуыддзаг ӕмӕ къамисы рабадтыл къуырисӕры снысан кодтам датӕ", - загъта ЦӔК сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия.
Амӕйразмӕ ЦӔК хъусын кодтой, бынӕттон типографийы кӕй ныммыхуыр кодтой 40 мин ӕвзарӕн бюллетены, фадыгон ӕмӕ территориалон къамистӕ дӕр цӕттӕ сты дыккаг тур ауадзынмӕ.
Хуссар Иры ЦӔК ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ цӕттӕкӕнынад ӕмӕ Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ хъӕстыты тыххӕй
Уымӕй дарддӕр ЦӔК сфидар кодта нысаны формӕ ӕмӕ текст, кӕцы ӕвӕрд цӕуы ӕвзарджыты паспортты. Формӕ баззад раздӕрау, раивтой ӕрмӕстдӕр текст.
ПТРК "Ир" эфиры дарддӕр цӕуынц президентмӕ кандидатты ӕвзӕрстагъоммӕ дебаттӕ.
Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ ахызтысты парти "Ныхас"-ы раздзон Гаглойты Алан (38,55%) ӕмӕ бӕстӕйы архайгӕ сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий (34,95%).