Хуссар Иры ЦӔК ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ цӕттӕкӕнынад ӕмӕ Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ хъӕстыты тыххӕй

© Sputnik / Михаил ХасиевХуссар Иры ЦӔК
Хуссар Иры ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik, Козаты Диана. Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) фехъусын кодтой, президенты ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы штатон режимы. Уыимӕ иумӕ, ЦӔК ӕнхъӕлмӕ кӕсы Уӕлдӕр тӕрхондоны скъуыддзагмӕ, уырдӕм знон бадзырдтой Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ цӕрынц Цӕгат Ирыстоны, цӕмӕй хъӕлӕскӕнынады бон снысан кӕной хуыцаубонмӕ.
Хуссар Ирыстоны ЦӔК 14 апрелы снысан кодта президенты ӕвзӕрстыты фӕлхатон хъӕлӕскӕнынад цыппӕрӕммӕ, 28 апрельмӕ. Ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ ахызтысты архайгӕ президент Бибылты Анатолий ӕмӕ парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан.
"Хъӕлӕскӕнынады бонмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы штатон режимы, фадыгон къамистӕ ӕмӕ ӕвзарӕн фадгуыты цӕттӕ сты ӕвзӕрстытӕ ауадзынмӕ. Се ‘сконды ивындзинӕдтӕ нӕй", - радзырдта Sputnik ЦӔК уӕнг Цхуырбаты Марина.
Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ЦӔК кӕй барвыста фыстӕг паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ, цӕмӕй 28 апрель расидой ӕнӕкусгӕ бонӕй, фӕлӕ къамисмӕ нырма сӕ куырдиаты фӕдыл информаци нӕй.
Дебаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2022
ПТРК "ИР" сӕйраг редактор радзырдта, куыд цӕудзысты президентмӕ кандидатты дебаттӕ
"Уыимӕ иумӕ, знон Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ бадӕттой куырдиат Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты номӕй, кӕцытӕ цӕрынц Цӕгат Ирыстоны, цӕмӕй аиуварс кӕной ЦӔК скъуыддзаг ӕмӕ хъӕлӕскӕнынады бон снысан кӕной хуыцаубонмӕ. Тӕрхондоны рабадт ацӕудзӕн сом 11.00 сахатыл. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм тӕрхондоны скъуыддзагмӕ", - бахахх кодта Цхуырбаты Марина.
Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ хъастгӕнджыты куырдиат тӕрхондон хорзыл банымайа, уӕд ног датӕ снысан кӕныны фӕдыл скъуыддзаг райсдзысты ЦӔК рабадтыл. Уыимӕ иумӕ, бынӕттон типографийы ӕртыццӕджы ныммыхуыр кодтой 40 000 ӕвзарӕн бюллетены, процессмӕ сӕ хъус дардтой ЦӔК уӕнгтӕ, президенттӕм кандидатты минӕвӕрттӕ, барадхъахъхъӕнджытӕ та сӕххӕс кодтой процессы ӕдасдзинад.
ЦӔК нырма нӕ аскъуыддзаг кодтой, цас бюллетены арвитдзысты республикӕйы ӕддейӕ ӕвзарӕн фадгуытӕм. Цхуырбаты Маринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарстыл дзырд цӕудзӕн ЦӔК рабадтыл.
"Цӕрджыты цымыдис кӕны, Цӕгат Ирыстоны территорийыл ӕртыккаг, уӕлӕмхасӕн, фадыг бакӕндзысты ӕви нӕ. ЦӔК уый фӕдыл дӕр скъуыддзаг рахӕсдзӕн рабадтыл", - фехъусын кодта уый.
Агитацион периоды тыххӕй дзургӕйӕ, ЦӔК минӕвар бахахх кодта, уый кӕй райдайы иумӕйаг ӕвзӕрстыты хатдзӕгтӕ фехъусын кӕныны бонӕй, сӕ нымӕцы дебаттӕ дӕр, кӕцыты формат ныридӕгӕн сбӕлвырд кодтой.
Амӕйразмӕ хъусын кодтой, ӕвзӕрстагъоммӕ дебатты фыццаг раунд кӕй хъуамӕ ацӕуа абон ПТРК "Ир" эфиры.
Ног хабӕртты лентӕ
0