ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕ ацы аз рахицӕн кодтой 22 ахуырадон квотӕйы хуссарирыстойнаг рауагъдонтӕн, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийыл Россотрудничествойы минӕварады разамонӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов.
Уӕрӕсе ӕрвылаз рахицӕн кӕны ахуырадон квотӕтӕ хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн. Уый цӕуы Россотрудничество, Ахуырады министрад, Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад ӕмӕ тыхон структурӕты хаххыл.
"Мах равзӕрстам 22 адӕймаджы. Сӕ документтӕ сын арвыстам Мӕскуымӕ. Ӕвзӕрст цӕуы дыууӕ этапӕй – иу ам, дистанцион экзамен, дыккаг – УФ Ахуырады министрады, кӕцы бакӕны студентты ахуыргӕнӕндӕттӕм", - загъта Сергей Скворцов.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзӕрсты сӕйраг критери у дистанцион экзамен. Афтӕ ма нымад цӕуы олимпиадӕты хайадист, активондзинад ӕхсӕнадон царды ӕмӕ ӕндӕр фактортӕ.
Скворцов ма радзырдта, куыд ӕмгуыстад кӕны Россотрудничество ацы фарсты фӕдыл Хуссар Ирыстоны хицауадимӕ.
"Мах арвитӕм куырдиат хицауадмӕ, уырдыгӕй та райсӕм ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дӕсниӕдты номыгъд. Алкӕцы аз дӕр номхыгъд сног кӕнынц", - банысан кодта Россотрудничествойы разамонӕг.
Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, аиуварс кӕнынц дӕсниӕдтӕ иууылдӕр, кӕцытыл ахуыр кӕны Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. Афтӕ ма Россотрудничество нӕ исы абитуриентты тыхон струтурӕты хаххыл, Ӕрмӕстдӕр Таможнӕйы академимӕ.
Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕ хъуамӕ ахуырадон азы райдайӕнмӕ аиуварс кӕной сӕ пропискӕ Уӕрӕсейы территорийыл, цӕмӕй сын фадат уа райсын уӕрӕсейаг ахуырадон квотӕ.