Хуссар Иры ФХМ райдыдта исын документтӕ абитуриенттӕй УФ дипломатон университеттӕм

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæӔхсӕнадӕмон ахастыты мӕскуыйаг паддзахадон институт (МГИМО
Ӕхсӕнадӕмон ахастыты мӕскуыйаг паддзахадон институт (МГИМО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) райдыдтой исын документтӕ республикӕйы абитуриенттӕй, кӕцыты 2022 азы фӕнды бацӕуын уӕрӕсейаг ӕддагполитикон уагдоны уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм – Ӕхсӕнадӕмон ахастыты мӕскуыйаг паддзахадон институт (МГИМО) ӕмӕ Дипломатон академи.
ФХМ банысан кодтой, документтӕ кӕй исдзысты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй 26 апрелы онг.
Лӕмбынӕг информаци гӕнӕн ис фенын ФХМ сайтыл.
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2022
Хуссар Иры мидхъуыддӕгты министрад исы куырдиӕттӕ УФ ахуырмӕ ацӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕй
Уӕрӕсе бирӕ азты дӕргъы дӕтты хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн квотӕтӕ йӕ ахуырадон уагдӕтты ахуыр кӕнынӕн республикӕйы хицауады куырдиатӕй. Дипломатон ахуыргӕнӕндӕттӕй дарддӕр, рауагъдонтӕн фадат ис ахуыр кӕнын тыхон структурӕты хаххыл – Хъахъхъӕнынады министрад, Паддзахадон ӕдасдзинады комитет, Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрад.
Ног хабӕртты лентӕ
0