ЦХИНВАЛ, 3 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дыццӕджы райсом Хуссар Ирыстоны столицӕйы иууыл егъаудӕр - Сталин ӕмӕ Путины уынгты алвӕндагыл - схӕццӕ ис светофоры куыст. Сӕумӕрайсом шофыртӕн сӕвзӕрд тыхст уавӕр - иу ран цӕхӕр калдта бур рухс, аннӕ сырхӕй баззад.
"Нӕдӕр дзы автоинспекцийы кусӕг уыд, светофор та ӕнахуыр куыст кӕны, цъӕх рухсӕн йӕ кой дӕр нӕй. Шофыртӕ архайынц ацы алвӕндагӕй ӕнӕфыдбылызӕй аирвӕзын", - загъта Sputnik дыццӕджы шофыртӕй иу Алан.
Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы бамбарын кодтой, ацы фарст аскъуыддзаг кӕнын кӕй ис горӕты администрацийы хайӕдтӕй иуы дӕлбар.
"Райсом паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иууылдӕр лӕууынц скъолаты бахизӕнты. Куыддӕр уым сӕ сӕр нал хъӕуа, афтӕ уыдон сӕ хъус ӕрдардзысты ацы алвӕндагмӕ. Уӕдмӕ шофыртӕ ацы ран хиздзысты фӕндагон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ", - загътой пресс-службӕйы.
Алвӕндагыл светофоры аххосӕй фыдбылыз ницы ӕрцыд, цалдӕр сахаты фӕстӕ йӕ куыст йӕхигъӕдӕй ӕрнывыл ис.
"Паддзахадон автоинспекци нӕм фехъусын кодта проблемӕйыл тыххӕй. Уыд дзы рӕстӕгмӕ къуылымпыдзинад, фӕлӕ йӕхӕдӕг рараст ис. Нӕ кусӕг бабӕрӕг кодта уавӕр. Ахӕм рӕстӕджы сӕ уый сцалцӕг кӕны, кӕд сын аразӕн нал вӕййы, уӕд та самал кӕнынц ног", - загътой Цхинвалы администрацийы пресс-службӕйы.