ЦХИНВАЛ, 3 май – Sputnik, Козаты Диана. Журналист ӕмӕ фрилансер Пӕррӕстаты Лана нымайы, Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ (ДИФ) проблемӕтӕ кӕй хъуамӕ ма сусӕг кӕной, фӕлӕ хъусын кӕной реалон цаутӕ, уый ахъаз уыдзӕн паддзахады стыр размӕцыдӕн.
1993 азы ӕртыккаг маййӕ нысан цӕуы Мыхуыры сӕрибардзинады ӕппӕтдунейон бон. Ацы датӕ расидт ИНО Генассамблей.
"Мӕнӕн уый у бӕрӕгбон дӕр ӕмӕ бӕрндзинад дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕрибардзинад кӕм ис, уым ис стыр бӕрн дӕр. Мыхуыры сӕрибардзинадыл Хуссар Ирыстоны контексты дзургӕйӕ банысан кӕндзӕн, ам, кӕй зӕгъын ӕу хъӕуы, кӕй ис стыр къуыхцыдзинӕдтӕ. Уыдон кӕддӕриддӕр уыдысты ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дарддӕр дӕр уыдзысты. Фӕлӕ ма ис ноджы адӕймаджы бар рӕстдзинад зоныны фӕдыл дӕр, сӕрибар уӕвыны бар ӕмӕ мӕн фӕндит, цӕмӕй нӕ ДИФ къухдариуӕггӕнджытӕ аргъ кӕной ацы бонӕн", - банысан кодта Пӕррӕстаты Лана.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрибардзинад бирӕбӕрцӕй у философон ӕмбарынад, йӕхӕдӕг та фылдӕр ӕуумнды конкуренцигӕнӕг ДИФ-тыл, кӕцытӕ ӕвӕрццагӕй ӕндавынц кӕрӕдзийыл.
"Ӕз куыд адӕймаг, кӕцы бирӕ ӕзты фӕкуыста паддзахадон ДИФ, нымадтон, кӕй хъуамӕ аразон рӕсугъд ныв Хуссар Ирыстоны тыххӕй, кӕд бынтон афтӕ нӕу, уӕддӕр. Фӕлӕ ныр та мӕ хъуыды у афтӕ, ӕмӕ хъуамӕ ӕвдисӕм реалон ныв, уый та стырдӕр ахъаз у паддзахады размӕцыдӕн", - дзуры журналист.
Пӕррӕстаты Лана зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуссар Ирыстоны дӕр кӕй фӕлвӕрдтой саразын хӕдбар телеуынынад ӕмӕ газеттӕ, фӕлӕ фӕрӕзты цухдзинады тыххӕй бирӕ нӕ ахастой.
Интернеты тыгъдады дзылон информацийы фæрæзты сæрибардзинады дæнцæгæн уый æрхаста Хуссар Кореи, цы ран адæймаджы сæрибардзинадæн ахъаз сты социалон хызæгтæ.
"Адæймагæн йæ карьерæ фесæфы иу ныхасы тыххæй дæр. Расидынц сгæрст, æмæ кæд рæстдзинад нæ ныффысынц, уæддæр сæ ныхмæ ницы саразынц. Фæлæ сын сæ ныхас дзурыны бар куы исынц, уæд уый æвзæрын кæны агресси", - банысан кодта уый.
Пæррæстаты Ланайы хъуыдымæ гæсгæ, мыхуыры сæрибардзинадæн æнцондæр уæвæн у стыр æхсæнады, цы ран ис хицæн æндæвдады тыхтæ.
"Зæгъæм, тамакойы хъуыддагыл кусы иу, сæн уæй кæны аннæ. Уый фæрцы райгуыры æхсæнадон консенсус. Чысыл æхсæнады у зындæр. Ныр популярон ссис ДИФ краудфандинг. Уый у цымыдисон æмæ дæтты сæрибардзинад", - бафтыдта журналист.
Æрвылаз Мыхуыры сæрибардзинады бон нывонд вæййы иу темæйæн, йæ хæдразмæ та Журналистты хъахъхъæныны æхсæнадæмон комитет саразы хицауад æмæ журналистты барты тыххæй анализ æмæ йæ арвиты паддзахады разамонджытæм.