Хуссар Иры хъахъхъæнынады министр ацыд Донбассмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Пухаты Владимир ацыд Донбассмæ, цæмæй фембæла æфсæддонтимæ Хуссар Ирыстонæй. Уый тыххæй хицауады рабадты фехъусын кодта премьер-министр Бекъойты Геннадий.
Хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй æмбæлон хæслæвæрд Хъахъхъæнынады министады разамонæгæн радта президент Бибылты Анатолий.
Хуссарирыстойнаг бархион Донбассы: сабыр цæрджытæй хъусæм æрмæстдæр бузныджы ныхæстæ
Уæрæсе 24 февралы райдыдта сæрмагонд операци Украинайы демилитаризаци æмæ денацификацийы нысанæн. УФ Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, æхст кæй цæуынц æрмæст æфсæддон инфраструктурæ æмæ æфсад.