Цæугæдон Ксан фæласта Ленингоры дæс хъæуы. Разамынад иуварс кæны фыдбылызы фæстиуджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæугæдон Ксан раивылд æмæ фæласта дæс хъæуæй фылæр. Районы администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй æрдзон бæллæхы фæстиуæгæн 15 хъæумæ та аскъуыд фæндагон бастдзинад.

"Стыр къæвдаты фæстиуæгæн цæугæдон Ксан ракалд йæ былтæй æмæ фæласта цалдæр цæрæн пункты. Донивылд бахъыгдардта Ларгвис æмæ æввахс хъæуты, фехæлдта фæндæгтæ æмæ хидтæ", - загъта районы пресс-секретарь Кокойты Анжела.

Коммуналон службæтæ нырма не 'рывнæлдтой æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ, хъуыддаг фæстиат кæны техникæ фылдæр бæрцæй хæлд кæй у, уый.
Цæугæдон Ксан фæласта Ленингоры дæс хъæуы.
"Районы цæрæн-коммуналон службæйы автопарк 2008 азæй фæстæмæ не 'сног кодтой æмæ техникæ у хæлд. Ныридæгæн уый аххосæй куыстытæ æрурæдтой. Афтмæй та бирæ хъæутæм бахъуыды рæстæджы тагъд æххуыс дæр нæ бацæудзæн", - бафтыдта уый.
Кокойты Анжела ма радзырдта, донивылд кæй æрхаста бирæ зиан.

"Фæласта фистæгæй цæуæн хид Куртайы, фæдæлдон дурцъæлгæнæн цех Раздæхæны. Фесæфтысты хуым зæххытæ æмæ цæхæрадæттæ", - бафтыдта уый.

Фæстаг хатт цæугæдон Ксан афтæ фæласта район 2012 азы.
Цæугæдон Ксан фæласта Ленингоры дæс хъæуы.