Уӕрӕсейы ХМ фехъусын кодтой, украинӕйаг боевиктӕ кӕй сты фидар ӕрхъулайы "Азовсталь"-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу фехъусын кодта, зӕгъгӕ, завод "Азовсталь"-ы сӕудӕджерадон зонӕйы ма цы украинӕйаг хӕстонтӕ баззадысты, уыдон сты фидар ӕрхъулайы.

"Уӕлдӕр командӕгӕнӕджы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, завод "Азовсталь"-ы сӕудӕджерадон зонӕйы ма цы украинӕйаг хӕстонтӕ баззадысты, уыдон сты фидар ӕрхъулайы территорийы ӕппӕт периметрыл дӕр", - хъусын кӕны РИА Новости Шойгуйы ныхӕстӕ.

Хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, неонационалисттӕ кӕй иуварс кӕнынц ӕнхъарӕнтӕ хӕцӕнгарз аппарын ӕмӕ сабыр цӕрджыты рауадзыны фӕдыл.
Уӕрӕсейаг ракетӕтӕ скуынӕг кодтой фӕсарӕйнаг хӕцӕнгарзимӕ ангартӕ Одессайы
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.