Хуссар Иры ЦӔК нæ бакæндзæн уæлæмхас æвзарæн фадгуытæ Цæгат Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты дыккаг туры хъӕлӕскӕнынад дæр фæстæмæ ацæудзӕн раздӕры дыууӕ фадыджы Цæгат Ирыстоны, фехъусын кодта Sputnik ЦӔК нымæрдар Авлохты Кристина.

"Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты дыккаг туры хъӕлӕсӕппӕрст дæр ацæудзӕн раздӕрау дыууӕ фадыгыл Цӕгат Ирыстоны. Уæлæмхас фадгуытæ нæ бакæндзысты", - загъта Авлохты Кристина.

Уымæй размæ Уæлдæр тæрхондон ЦӔК-ы бахæсджын кодта, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгæй Цæгат Ирыстоны чи цæры, уыдон куырдиатмæ æркæсын, кæцытæ домдтой бакæнын уæлæмхас æвзарæн фадгуытæ.
Фондз хъастæй æртæ адæймаджы сæ куырдаиттæ аздæхтой, иуæн та дзы радтой æппæрццаг дзуапп. Уый хыгъд ма баззад иу куырдиат. Фарст алыг кæныны тыххæй ЦӔК æркуырдта парламентæй конституцион закон бамбарын кæнын, фæлæ депутаттæн нырма нæ бантыст ауадзын сесси.
Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты дыккаг тур ацудзæудзæн 8 майы, хуыцаубоны.
Хуссар Иры ЦӔК радзырдтой цæстдарджыты тыххæй президентон æвзæрстыты дыккаг туры