ЦХИНВАЛ, 10 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сарӕзтой административон протоколтӕ авд нозтджын шофыры ныхмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Уымӕй дарддӕр, фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады фӕткмӕ хъус дарыны рӕстӕджы ПАИ кусджытӕ сбӕрӕг кодтой 322 фӕткхӕлды.
Уагдоны ма радзырдта. республикӕйы фӕндӕгтыл кӕй ӕрцыд иу авари, уый фӕстиуӕгӕн хъыгдард баййӕфта иу адӕймаг.
Афтӕ ма иу къуыримӕ Мидхъуыддӕгты министрад срегистраци кодта иу фыдракӕнд, кӕцы рабӕрӕг кодтой барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕ. Административон бӕрнмӕ тӕрхондон ӕркодта иу ӕмбӕстаджы.