"Цӕст сӕ нал ӕвзары": Цхинвалы шофыртӕ хъаст кӕнынц фӕндагон хӕххыты уавӕрӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanФӕндагон хӕххытӕ
Фӕндагон хӕххытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕндагон хӕххытӕ фылдӕр бӕрцӕй схафтысты, кӕцыдӕр рӕтты та сӕ фӕд дӕр фӕсӕфт. Фӕлӕ бӕрнон уагдон нӕ тагъд кӕны уыдон ногӕй нынныв кӕныныл.
Sputnik бацымыдис кодта, цӕмӕн фӕстиат кӕнынц куыстытӕ.
Фӕгдагон хӕххытӕ ӕмӕ нысӕнтӕ сты столицӕйы администрацийы хайӕдтӕй иуы дӕлбар, ӕвӕрд цӕуынц Паддзахадон автоинспекцийы амындмӕй. Фӕткмӕ гӕсгӕ фӕндагон хӕххытӕ сног кӕнынц аз дыууӕ хатты.
"Уалдзӕджы ӕмӕ сӕ фӕззӕджы ногӕй сахурынц. Мах сӕм арвыстам ныр дӕр рекомендацитӕ, фӕлӕ ацы аз фӕстиат кӕнынц", - загъта Паддзахадон автоинспекцийы хистӕры хӕдивӕг Дзеранты Хох.
Уый ма бафтыдта, ацы нысӕнттӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй бахъӕудзысты, системӕ "ӕдас горӕт" куы скуса, уӕдмӕ.
"Уымӕй дарддӕр ма фӕндагон змӕлды ӕдасдзинадӕн ахсджиаг сты бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр. Уыдонӕй ӕрмӕст горӕты цух кӕны 260. Ацы куыстытӕ горӕты администрацийы кӕмӕ хауынц, уыдон сыл архайынц, фӕлӕ нырма кӕнинаг дӕр бирӕ ис", - бафтыдта ПАИ минӕвар.
© Sputnik / Natalia AiriyanФӕндагон хӕххытӕ
Дорожная разметка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Фӕндагон хӕххытӕ
Фӕндаджы хӕххытӕ кӕй нал зынынц, уымӕй арӕх фӕхъаст кӕнынц шофыртӕ дӕр.
"Зӕгъӕм фистӕгӕй цӕуджыты линийӕн йӕ разы хъуамӕ баурома шофыр, фӕлӕ йӕ цӕст куыннӕуал ӕвзара, уӕд ӕй куыд рахатӕм? Ӕгӕрыстӕмӕй, закон дӕр ивар нӕ домы, хӕххытӕ ӕвзӕр куы зыной, уӕд", - дзуры шофыр Алан.
Горӕты дӕлбар цалцӕг-арӕзтадон управленийы, кӕцыйы бӕрны сты фӕндагон хӕххытӕ ӕмӕ нысӕнттӕ, ныридӕгӕн бавнӕлдта ацы фарстмӕ.
"Цӕттӕ кӕнӕм смета, уый фӕстӕ нӕ финансон авналӕнтӕм гӕсгӕ ныззаказ кӕндзыстӕм ӕрмӕг ӕмӕ бакӕндзыстӕм куыстытӕ", - загъта хайады хистӕр Гӕззаты Инал.
Фӕндагон хӕххытӕ ахӕм мӕгуырау уавӕры горӕтӕй дарддӕр ма сты республикон трассӕтыл дӕр.
Гаглойты Маирбег: куыст цӕуы Ӕдас горӕт баиу кӕныны кӕройнаг этапыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2022
Гаглойты Маирбег: куыст цӕуы "Ӕдас горӕт" баиу кӕныны кӕройнаг этапыл
Ног хабӕртты лентӕ
0