ЦХИНВАЛ, 11 май – Sputnik. Америкӕйы иугонд штатты (АИШ) фӕнды ныппырх кӕнын Евроцӕдис ӕмӕ ӕрхӕссын стыр зиан Уӕрӕсейӕн, цӕмӕй сӕххӕст кӕной сӕ коммерцион интерестӕ, радзырдта йӕ интервьюйы Sputnik УФ Федерацийы Советы ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Владимир Джабаров.
"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Владимир Путин паддзахады сӕргъ лӕугӕйӕ 22 азмӕ равдыста, ӕнӕхъуаджы кӕй никуы дзуры. Уый банысан кодта, кӕй цӕуы "сырх лини" уӕрӕсейаг арӕнты цур. Мах нӕ бауадздзыстӕм сӕ сӕрты ахизын. Украинӕйы операци уыд ӕнӕмӕнгхъӕугӕ къахдзӕф", - бахахх кодта Джабаров.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсе фӕразӕй украинӕйаг ӕфсӕддонтӕй цалдӕр бонмӕ.
"Сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы нӕ чысыл контингент, кӕцыйы сконды ис 150 мин адӕймаджы, тох кӕны 400-500 минон украинӕйаг ӕфсадимӕ, фӕлӕ мах уӕддӕр сӕрибар кӕнӕм территоритӕ Украинӕйы", - банысан кодта сенатор.
Владимир Джабаров ма ӕрсидт Вашингтонмӕ, цӕмӕй ӕркӕсой сӕхи бӕстӕ ӕмӕ адӕммӕ ӕмӕ ӕндӕр паддзахӕдты хъуыддӕгтӕ ма хӕццӕ кӕной. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, АИШ ӕмӕ Уӕрӕсейы ахастытӕ ныртӕккӕ сты "иуыл ныллӕгдӕр" ӕмвӕзадыл.
"Ныртӕккӕ у момент, нӕ ахастытӕ иуыл ныллӕгдӕр ӕмвӕзадмӕ куы цӕуынц. Кӕд америкӕйӕгтӕ сӕ ахӕм политикӕ адарддӕр кӕной, уӕд уый гӕнӕн ис расайа хӕст, кӕцы гӕнӕн ис уа фӕстаг Америкӕйӕн", - фехъусын кодта Владимир Джабаров.
Сенатор бафтыдта, зӕгъгӕ, хӕст райдайынӕн фаг уыдзӕн чысыл провокаци дӕр, афтӕ уыд фыццаг дыууӕ дунейон хӕсты рӕстӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.