Хуссар Иры ЦӔК фехъусын кодта президентон ӕвзӕрстыты дыккаг туры схъӕлӕсгӕнджыты процент

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 май – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг туры хайад райстой ӕвзарджыты 73,93 проценты, фехъусын кодта Sputnik Централон ӕвзарӕн къамисы нымӕрдар Авлохты Кристина. Ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ раргом сты цыппӕрӕмы ЦӔК рабадты фӕстиуӕгӕн.

"Кӕройнаг информаци мыхуыргонд ӕрцӕудзӕн алкӕцы официалон ДИФ-ты дӕр сабаты, 14 майы. Уӕд фӕбӕрӕг уыдзӕн ногӕвзӕрст президенты инаугурацийы датӕ дӕр", - банысан кодта къамисы нымӕрдар.

Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг тур ацыд 8 майы. Фӕуӕлахиз парти "Ныхас"-ы раздзог Гаглойты Алан. ЦӔК развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уый райста хъӕлӕсты 54,2 проценты - схъӕлӕс ын кодтой 15 867 ӕмбӕстаджы.
"Ирыстоны адӕм сарӕзтой равзӕрст": парламенты спикер раарфӕ кодта Гаглойты Аланӕн