Ирон сеньортæ æмæ сеньоритæ: Хуссар Иры театры ацыд уæрæсейаг режиссеры спектаклы премьерæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы паддзахадон театры сценæйыл ацыд æрхонгæ режиссер Чумаченко Иваны æвæрд спектакль "Мирандолинæйы хабæртты" премьерæ. Фыццаг равдыст æрæмбырд кодта æххæст зал.
Спектакль "Трактирщица"
"Мирандолинæйы хабæрттæ" æвæрд æрцыд италиаг фыссӕг Карло Гольдонийы пьесæ "Трактирщица"- мæ гæсгæ. Спектаклыл кусджытæ бацæттæ кодтой италиаг царды фæлыст, дарæсæй райдайгæйæ. Ирон актертæ ралæууыдысты сеньор æмæ синьоринаты фæлгонцты.

"Нæ театры алы равдыст дæр у бæрæгбоны хуызæн. Рахицæн кæнын хъæуы актерты равзæрст æмæ режиссеры куыст. Иу уысм дæр мæ хъусдард сценæйæ нæ ахицæн. Тынг мæ зæрдæмæ фæцыд сæйраг хъайтар Хаситы Эмма æмæ актер Гаглойты Эдуард", - загъта аивæдты лицейы ахуыргæнæг Цгъойты Арина.

Комедийæн разынд куыд табугæнджытæ, афтæ фауджытæ дæр.
"Паддзахадон драмон театры æмвæзад нæу. Ирон театры сценæйыл цы æвдисынц, уымæ хъуамæ ирондзинад чысыл хæццæ кæна", - загъта Харебаты Зæринæ.
Спектакль "Трактирщица"
Хуссар Ирыстоны паддзахадон труппӕимæ бакуыста ӕвзонг курдиатджын режиссер, "ГИТИС"-ы рауагъдон Чумаченко Иван.
Уӕрӕсейӕг режиссер кусы Советон цӕдисы раздӕры республикӕты ӕмӕ Уӕрӕсейы регионты. Ӕвзонг специалист, кӕцы ахуыр фӕцис ӕрмӕст 2021 азы, сæвӕрдта ныр ӕстӕм спектакль.
1 / 3

Спектакль "Трактирщица"

2 / 3

Спектакль "Трактирщица"

3 / 3

Спектакль "Трактирщица"

Пьесӕ "Трактирщица"-йы ахӕссӕн ис драматикон комедимӕ. Архайд цӕуы уындджын сылгоймаг Мариандолинайы алыварс. Ӕрмӕг у Хуссар Ирыстоны театрӕн йӕхи ӕвзӕрст.
Уымæй раазмæ, Чумаченко Sputnik радзырдта , уый кæй у XVII ӕнусы ӕрмӕг, у иуӕй худӕг, фӕлӕ дзы ис нӕлгоймаджы трагеди дӕр. Иудзырдӕй, ӕнкъард комеди у. Сӕйраг хъайтар Мирандолинæ дӕр фӕстагмӕ йӕ лымӕнты фесафдзӕн.