ХИПУ ӕртыккаг хатт ӕрбаиу ӕппӕтдунеон акци "Музейты ӕхсӕв"-мӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) ӕртыккаг хатт ацыд ӕппӕтдунейон акци "Музейты ӕхсӕв". Ӕхсӕвы дӕргъы ХИПУ музейон комплексмӕ фӕуазӕг сты цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы, сӕ фылдӕр - ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ.
Мадзал райдыдта 20.00 сахатыл. Уазджыты раз раныхас кодта музейон комплексы хистӕр Касаты Фатимӕ. Уый радзырдта комплексы сӕвзӕрды истори ӕмӕ бузныг загъта, йӕ арӕзтад ӕмӕ экспонаттӕй сифтонг кӕныны хъуыддагмӕ чидӕриддӕр ӕххуысы къух фӕдаргъ кодта, ӕппӕт уыцы адӕмӕн.
"Музейты ӕхсӕв" ХИПУ-йы
Касаты Фатимӕ банысан кодта, ахуыргӕнӕндоны нывты коллекци кӕй баххӕст ис ногтӕй: Саулохты Константин сын балӕвар кодта зындгонд нывгӕнӕг Гасситы Ӕхсары ныв "Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ"-йы эскиз, Хуссар Ирыстоны нывгӕнджыты цӕдисы уӕнг Тедеты Маргарита та схӕлар кодта ныв "Отголоски прошлого".
Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ма раныхас кодта Национ музейы директор Зассеты Мераб дӕр ӕмӕ стыр ӕхсызгонӕй банысан кодта ХИПУ музейы ӕмвӕзад.
"Уынын ӕй, цас энерги ӕмӕ зӕрдмйы фард ӕвӕрд ӕрцыд ацы музейы арӕзтады", - бафиппайдта уый.
Зассеты Мераб фӕхуыдта ӕмбӕстӕгты Национ музеймӕ "Музейты ӕхсӕвмӕ" сабаты, 21 майы. Уым та акци райдайдзӕн 18.00 сахатыл.
"Ночь музеев" в ЮОГУ
Уымӕй дарддӕр ма мадзалы ралӕууыдысты Цхинвалы 1-ӕм скъолайы ахуырдзаутӕ, уыдон бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ мадӕлон ӕвзагыл, афтӕ ма радзырдтой ирон фынг ӕмӕ хистӕр ӕмӕ кӕстӕры хсӕн ӕмахастыты традициты тыххӕй.
"Музейты ӕхсӕв" ХИПУ-йы
Уый фӕстӕ уазджытӕ азылдысты музейыл, базонгӕ сты фыдыбӕстӕйы фаунӕ, археологи ӕмӕ этнографиимӕ, федрой зынгӕ нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрезы куыстыты равдыст.
1 / 6

"Музейты ӕхсӕв" ХИПУ-йы

2 / 6

"Музейты ӕхсӕв" ХИПУ-йы

3 / 6

"Музейты ӕхсӕв" ХИПУ-йы

4 / 6

"Музейты ӕхсӕв" ХИПУ-йы

5 / 6

"Музейты ӕхсӕв" ХИПУ-йы

6 / 6

"Музейты ӕхсӕв" ХИПУ-йы