ЦХИНВАЛ, 19 май— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл ног арӕзт хӕдзӕртты 10 фатермӕ сӕхи хъӕппӕрисӕй бабырстой бинонтӕ. Сӕ нымӕцы ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ лӕууыдысты радты.
Цхинвалы ЦАРЗ-ы микрорайоны Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгтыл амад ӕрцыд ӕртӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары. Фатерты фылдӕр хай уӕрст ӕрцыдысты, фӕлӕ ма дзы ис сӕрибар хӕдзӕрттӕ дӕр. Цӕрӕнуӕттыл тох уынаффӕйы уыд закъондӕттӕг органты дӕр. Уый фӕстӕ мыхуыры фӕрӕзты фӕзынд спикеры хъусинаг, цы ран уый фауы адӕм цы амӕлтӕй пайда кӕнынц, уыдӕттӕ.
"Ӕдӕппӕтӕй сты дӕс бинонтӕ, уыдонӕн сӕ иу хай лӕууыдысты радты цӕрӕнуӕттӕм. Уыдон цыдысты фатертӕм апрелӕй фӕстӕмӕ. Ныридӕгӕн адӕмы фӕдзӕхсынц, цӕмӕй ӕнӕзакъонӕй цы бацахстой, уый ссӕрибар кӕной, науӕд хъуыддӕгтӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты тӕрхондонмӕ", - загъта Sputnik горӕты администрацийы юрист Джиоты Алена.
Ныридӕгӕн ногарӕзтадтӕ хъахъхъӕнынц барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ног бабырсттӕй.
"Нӕ минӕвӕрттӕ лӕууынц ӕртӕ ногарӕзт корпусты цур ӕхсӕвӕй бонӕй, цӕмӕй ахӕм цаутӕй бахизӕм. Хибарӕй чи бацахста фатертӕ, уыдон фӕдыл ӕмбырд цӕуы ӕрмӕг административон фӕткхалды кодекс статья 19.1 гӕсгӕ",- радзырдтой МХМ-йы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны цӕрӕнуатон къамисы уӕнг Мулдарты Гаррийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, къамис ацы фарстмӕ бӕстон ӕркӕсдзӕн.
"Цӕрӕнуатты уарӕн къамис ӕрӕмбырд уыдзӕн инаугурацийы фӕстӕ, уынаффӕмӕ рахӕсдзыстӕм фатертӕ бацахсыны фарст дӕр. Фӕлӕ ацы фарст фылдӕр ис барадхъахъхъӕнӕг органты бӕрны", - загъта парламенты депутат, къамисы уӕнг Мулдарты Гарри.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы фатертӕ ӕнӕзакъонӕй бацахсыны цау фыццаг нӕу, уымӕй размӕ ахӕм хуызы хӕдзӕрттӕ самал кодтой Тельманы уынджы ног арӕзтӕдты ӕмӕ Пушкины уынджы корпусы. Адӕмы ӕнӕразыдзинад баст у хӕдзӕртты уарыны фӕткӕй райгонд кӕй не сты, уый.
"Цардыстӕм ӕххуырст фатеры, рады дӕр лӕууӕм ныр бирӕ азты. Ацы къахдзӕф дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ сарӕзтон, бирӕ йыл фӕхъуыды кодтон, фӕлӕ хуыздӕр ницы ӕрымысыдтӕн", - загъта бинонтӕй иуы хицау, кӕцы бацахста фатер.
Куыд лыг цӕудзӕн фарст, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ахӕм къахдзӕфтӕм адӕмы разӕнгард кӕнынц цӕрӕг адӕм ӕмӕ стыр исады хицауттӕ социалон фатерты хицау кӕй свӕййынц, ахмӕм цаутӕ. Бӕрӕг сты ахӕм цаутӕ, кӕцы ран дӕсгай азты дӕр адӕм сӕ ног хӕдзӕрттӕм нӕ балидзынц.