Негативон тенденци: Хуссар Иры спикер радзырдта фатертӕм ӕнӕзаконон батындты тыххӕй

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæФатер
Фатер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадтаты Алан фехъусын кодта, закондӕттӕг органы сӕ хъус кӕй ӕрдардтой горӕты фатертӕм ӕмбӕстӕгтӕ тыхӕй кӕй батонынц, уыцы негативон тенденцимӕ.
Спикер банысан кодта, бӕстӕйы къухдариуӕгад кӕй тырны аскъуыддзаг кӕнын цӕрӕнуатон проблемӕ, фӕлӕ уӕддӕр фӕстаг рӕстӕджы сарӕх сты фатертӕм тыхӕй батындты цаутӕ.
"Не ‘мбӕстӕгтӕ райдыдтой "хуыздӕр кӕнын" сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ закон фехалыны руаджы, уыдон ӕвастӕй бацахсынц ногарӕзт фатертӕ", - бахахх кодта Тадтаты Алан.
Спикер зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, фатеры хицау суӕвын кӕй ис гӕнӕн документты бындурыл, кӕцытӕ фидар кӕнынц цӕрӕнуатмӕ бар.
Знауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2022
Хуссар Иры Знауыры районы цӕрӕнуатмӕ радты лӕууӕг адӕмы басгардзӕн Юстицийы министрад
"Бирӕ ӕмбӕстӕгтӕ та хъуыды кӕнынц, ӕвастӕй сӕ бон кӕй у бацахсын цӕрӕнуат бирӕфатерон хӕдзары. Не ‘мбӕстӕгты нӕ фӕнды ӕмбарын, уыцы архайдӕн кӕй ис бӕрндзинад. Фатер ӕвастӕй бацахсыны фӕдыл ӕмбӕстагыл гӕнӕн ис бахъаст кӕной тӕрхондонмӕ ӕмӕ йын рахӕссой административон кӕнӕ угловон ӕфхӕрд законы фӕлгӕтты", - банысан кодта Тадтаты Алан.
Закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕг ӕрсидт ма хизын законы сӕрты ӕмӕ банысан кодта, ацы ӕмбӕстӕгтӕ сӕ архӕйдтытӕй халынц законон бартӕ гоймӕгтӕн, кӕцытӕ лӕууынц рады цӕрӕнуатмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0